Хуссар Иры депутаттæ ссæрибар кодтой сæ бынæттæй æртæ тæрхонгæнæджы

Тæхонгæнджыты сæ бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй уынаффæ депутаттæм барвыста Хуссар Ирыстоны президент
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ ссæрибар кодтой сæ бынатæй æртæ тæрхонгæнæджы, се 'ххæстбарты æмгъуыд кæй фæцис, уый тыххæй.

Уый размæ президент Бибылты Анатолий барвыста парламентмæ æмбæлон уынаффæ.

Хуссар Ирыстоны сфидар кодтой бынæтты аст тæрхонгæнæджы

Тæрхондонон æххæстбартæ фесæфтой уæлдæр арбитражон тæрхондоны тæрхонгæнæг Хъуылымбегты Азау, Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Виталий æмæ Ленингойраг районон тæрхондоны тæрхонгæнæг Болататы Георгий.

Депутат Чилæхсаты Владимир бацымыдис кодта, сæ бынæттæй ист чи æрцыд, уыцы тæрхонгæнджытæ фидæны кæм кусдзысты, уымæ.

Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæг Коцты Олеся, кæцы иста хайад парламенты рабадты куысты, радта раздæры коллегæмæ аналогон фарст – кæм кусдзæн Чилæхсаты Владимир йæхæдæг, парламенты йæ æххæстбарты æмгъуыд куы фæуа, уæд.

"Уыдон сты æвзæрстон бынæттæ æмæ ничи ратдзæн гаранти, дæ æххæстбарты æмгъуыд фæуыны фæстæ, ногæй æвзæрст кæй æрцæудзынæ ацы бынатмæ", — загъта Коцты Олеся.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты тæрхонгæнджыты ссæрибар кæныны фарстимæ.