Ирон богалтæ рамбылдтой æхсæз майданы Мæскуыйы фыццагады

Ирыстойнаг спортсментæ ссисты иу сыгъзæрин, иу æвзист æмæ цыппар бронзæ майданты хицæуттæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Ирон богалтæ рамбылдтой æхсæз майданы 21 азы онг юниорты æхсæн горæт Мæскуыйы фыццагады, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Хуссарирыстойнаг богалтæ бахастой сæ хайбавæрд Европæйаг нациты кубокы уæлахизмæ

70 кг уæзы категорийы финалы фембæлдысты Уалыты Чермен æмæ Наниты Мамука, уæлахиздзауæй рахызт Чермен. Бронзæйон призертæ ссисты Тыджыты Алан (61кг), Уалыты Эльбрус (65кг), Челдыты Давид æмæ Томайты Аслан (дыууæ дæр 74кг).

Турнир уыд æвзæрстон Уæрæсейы фæсивæды IV сæрдыгон спартакиадæмæ, кæцы ацæудзæн Пензæйы.