Карантин Дзæуджыхъæуы адарддæр кодтой марты онг

Цæгат Ирыстоны столицæйы скъолатæ æмæ сабидæттæ сæхгæдтой февралы æмбисы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Карантин Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæтты адарддæр кодтой 3 марты онг. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны столицæйы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы пресс-службæ.

Эпидемкъæсæр Дзæуджыхъæуы фæфылдæр 1,5 проценты бæрц

Горæты ахуырадон уагдæттæ сæ куыст райдайдзысты къуырисæры, 5 марты.

Карантин адарддæр кæныны тыххæй уынаффæ райст æрцыд Тускъаты Таймуразы сæргълæудæй цы æхсæнхицауадон къамисы рабадт уагъ æрцыд, уым.

Хайад дзы истой ахуырад æмæ зонады министрады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ Цæгат Ирыстоны Роспотребнадзоры минæвæрттæ.