Карантин: Хуссар Иры цалдæр скъола æмæ сабидоны cæхгæдтой рæстæгмæ

Ахуыры процесс 7 марты онг æрурæдтой Цхинвалы фыццæгæм скъолайы æмæ Знауыры районы Терегуаны скъолайы, стæй ма цалдæр сабидоны кæстæр къордтæ дæр рæстæгмæ нæ кусынц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Грипп æмæ æндæр респираторон низтæй сабиты бахъахъхъæныны нысанæн Хуссар Ирыстоны æрурæдтой ахуыр дыууæ скъолайы, дыууæ сабидоны та кæстæр къордты куыст, фехъусын кодтой Sputnik Ахуырады министрады.

Карантин Дзæуджыхъæуы адарддæр кодтой марты онг

Скъолатæ æмæ сабидæтты къордтæ æрæхæгдтой хæрзиуджытæ хъахъхъæнынады къабазы хъусдарды фæдыл комитеты рекомендацимæ гæсгæ.

"Хæрзиуджытæ хъахъхъæнынады къабазы хъусдарды фæдыл комитеты басгæрсты бæрæггæнæнтæм гæсгæ горæты 1-æм скъолайы фæрынчын ахуырдзауты 23,5%, Терегуаны скъолайы — 26,7 %, Цхинвалы 5-æм сабидоны фыццаг кæстæр къорды фæрынчын сабиты æмбис, æвдæм сабидоны кæстæр къоды ноджы фылдæр. Сабиты бахизыны нысанæн ацы уагдæттæ рæстæгмæ æрцыдысты æхгæд", — загътой министрады.

Уагдоны банысан кодтой, карантин кæй адарддæр уыдзæн 7 марты онг.

Карантиныл ныл цалдæр къуырийы дæргъы сты Цæгат Ирыстоны скъолатæ æмæ сабидæттæ дæр.