Дзæуджыхъæуы хицæуттæ бацæттæ кодтой горæты цæрæг сылгоймæгтæн лæвар 8 мартмæ

Сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн Цæгат Ирыстоны столицæйы цæрджытæн æхсæнадон транспортыл ацыд у æнæаргъæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг сарæзта æхсызгон лæвар горæты цæрæг сылгоймæгтæн Сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны столицæйы администрацийы пресс-службæ.

Бибылты Анатолий схорзæхджын кодта Хуссар Иры сылгоймæгты

Сылгоймæгтæн уыдзæн фадат ацы бон æнæаргъæй цæуын æхсæнадæмон транспортыл.

"Зынаргъ сылгоймæгтæ, уадз æмæ чысыл сюрпризтæ æмæ хорз хабæрттæ уæ царды уæт тынг бирæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт!", — раарфæ кодта Дзæуджыхъæуы сылгоймæгтæн Албегаты Борис.

Муниципалон æхсæнадон транспортыл æнæаргъ цæуæггагæй дарддæр, 8 марты кæцыдæр трамвайтæ æмæ автобустыл сылгоймæгтæн æрцæттæ кæндзысты дидинджытæ дæр – уалдзæг æмæ рæсугъддзинады символ.