Калоты Виталийы тыххæй фильм байгом кæндзæн Мæскуыйаг кинофестиваль

Киноныв таурæгъ кæны цæгатирыстойнаг архитектор Калоты Виталийы историйыл, кæцыйæн Бодены цады сæрмæ авиакатастрофæйы бабын сты йæ бинонтæ иууылдæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Драмæ "Непрощенный"-ы дунейон премьерæ Калоты Виталийы тыххæй æрбайгом кæндзæн 40-æм Мæскуыйаг æхсæнадæмон кинофестивалы уæрæсейаг программæ, хъусын кæны ПТРК "Алани".

"Кинематографистты централон хæдзары 20-25 апрелы 40-æм Мæскуыйаг æхсæнадæмон кинофестивалы фæлгæтты уыдзæн не ′мзæххон зындгонд режиссерты ног куыстыты традицион равдыст. Уæрæсейаг программæ æрбайгом кæндзæн фильм "Непрощенный", — дзырдæуы хъусинаджы.

Сæйраг роль – цæгатирыстойнаг архитекторы фæлгонц кинонывы сæххæст кодта актер Дмитрий Нагиев.

Цæгат Иры сисдзысты документалон фильм Калоты Виталийыл

Киноныв таурæгъ кæны Германийы сæрмæ арвыл æрцæугæ трагедийыл, кæцы ахаста Виталийы дыууæ сывæллоны æмæ æмкъайы цард.

Фильм "Непрощенный"-ы премьерон равдыст уыдзæн 20 апрелы Кинематографистты хæдзары.

Калоты Виталийӕн 2002 азы йӕ бинонтӕ — йӕ цардæмбал ӕмӕ дыууӕ сабийы бабын сты авиакатастрофӕйы Бодены цады сӕрмӕ. Дыууӕ азы фӕстӕ уый амардта катастрофӕйы азымджыны — диспетчер Питер Нильсены ӕмӕ уый тыххӕй цыппар азы фӕбадт Швейцарийы ахӕстоны. 2008 азы йӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссӕрибар кодтой.