ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны дыууæ аккагдæр скъоладзауы райстой ахуырады раздæры министр, дзæнæттаг Цыбырты Маринайы номыл стипендитæ. Стипендийы хицау 2018 азы баисты Зары скъолайы ахуырдзау Цхуырбаты Алиса æмæ Гимнази "Альбион"-ы скъоладзау Кокойты Диана, фехъусын кодтой Sputnik ахуырады министрады.
Премитæ радта Цæгат Ирыстон — Аланийы бастдзинад æмæ информацион технологиты комитеты сæргълæууæг Сæлбиты Алан.
"Стипенди фæзынд бинонты фæндмæ гæсгæ, æрвылаз уый лæвæрд цæудзæн Зары скъолайы хуыздæр ахуырдзауæн, кæцы хæссы Цыбырты Маринайы ном. Йæ номыл дыккаг преми та лæвæрд цæудзæн æппæт скъолаты ʻхсæн аккагдæрæн", — загътой министрады.
Хуссар Ирыстоны фыццаг президенты чызг Цыбырты Марина йæ цардæй ахицæн фарон 46 азы кары. Уый бирæ рæстæг фæкуыста Хуссар Ирыстоны ахуырады къабазы.
2012 — 2015 æзты куыста ахуырады министрæй. Лæвæрд ын æрцыд Хуссар Ирыстоны Уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæджы ном. Зонадон архайды дæргъвæтин æзты мидæг Цыбырты Марина бахаста стыр хайбавæрд квалификацигонд кадртæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ.