Дзауы районы ссардтой нӕлгоймаджы мӕрдон буар

Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сбӕрӕг кодтой нӕлгоймаджы ном – уый разынд республикӕйы Дзауы районы цӕрӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хслебы хъӕуы цур ссардтой 32-аздзыд нӕлгоймаджы мӕрдон буар, фехъусын кодтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.

Цхинвалы цӕрӕджы аласта цӕугӕдон йӕхи найыны рӕстӕджы

Уагдоны банысан кодтой, цауы тыххӕй районы милицимӕ кӕй фехъусын кодтой къуырисӕры фӕссихор.

Цауы бынатмӕ уайтагъд ацыдысты МХМ, прокуратурӕ ӕмӕ УУМ кусджытӕ.

"Басгӕрсты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой амӕлӕджы гоймагдзинад — уый разынд Уыцыфарс хъӕуы 32-аздзыд цӕрӕг", — фехъусын кодтой уагдоны.

Медицинон басгӕрст не сбӕрӕг кодта тыхмарды миниуджытӕ.