Дзæуджыхъæуы фæзынд Милдзыхты Хадзымырзæйы портрет

Уый размæ Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы разуындыл нывæфтыд æрцыд Мамсыраты Хадзы-Умары фæлгонц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Дзæуджыхъæуы агъуыстытæй иуы къул Ватутины уынгыл рафидауын кодта Советон Цæдисы Хъæбатыр Милдзыхты Хадзымырзæйы портрет. Ацы ныв сси нывгæнджыты кæронбæттæны куыст проект "Ивгъуыдмæ фæкаст"-ы фæлгæты, хъусын кæны 15 регион.

ZUK Club ныв кæны Цхинвалы кадджын ирæтты æмæ сыл исы фильм

"Горæт ирон хъæбатырты портреттæй сфæлгонцджын кæныны идейæ æнæнхъæлæджы фæзынд, хоримæ Мæскуыйы уæвгæйæ, гранты кой куы фехъуыстам, уæд. Мæнæн æппæты сæйрагдæр, ахсджиагдæр бæрæгбон у 9-æм май. Нæ фыдæлты къухы цы сгуыхтытæ бафтыд, уыдон диссаг сты. Проекты сæйраг нысан — цæмæй ног фæлтæры алы минæвар дæр йæ хъæбатырты цæсгомæй зона", — хъусын кæны 15 регион йæ аразæг — адæмон зарæджы ансамбль "Уацамонгæ"-йы артист Битарты Фидары ныхæстæ.

Мамсыраты Хадзы-Умары фӕдон сисдзӕн киноныв йӕ хъайтар дадайы тыххӕй

Гранты æхца дыууæ портреты фаг систы. Уый размæ 26-æм скъолайы разуындыл нывæфтыд æрцыд Мамсыраты Хадзы-Умары фæлгонц. Проекты аразæг ногæй грант куы райса, уæд хъæбатырты нæмттæ сæнусон кæнынимæ баст куыст дарддæргонд æрцæудзæн.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Милдзыхты Хадзымырзæ иунæгæй амардта Æртыккаг рейхы 108 салдаты. Хорзæхгæнæг сыфы æвдисæндармæ гæсгæ, Хадзымырзæ контузи æмæ æртæ уæззау цæфимæ архайдта иннæ цæфты æмæ мæрдты рахæссыныл тохы быдырæй. Йæхæдæг рахаста йæ цæф æмбæлттæй иуы, дыккаг бон та аиуварс кодта немыцаг танкты ныхмæ тохы гарзы хыгъд. Æдæппæтæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы хъæбатыр фæдсгарæг амардта 130 немыцаг салдаты æмæ афицеры. "