ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕтӕ бӕрӕг кӕнынц зынгӕхсгӕ цӕфы ӕууӕлтӕ, кӕцы хуыцаубоны изӕры райста Цхинвалы 24-аздзыд цӕрӕг, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, ӕвзонг лӕппуйы дысон 22:35 сахатыл ӕрбаластой республикон соматикон рынчындонмӕ, цы ран йын сӕвӕрдтой диагноз: зынгӕхсгӕ цӕф.
Рынчындонмӕ ацыд МХМ оперативон-фӕдагуырды къорд ӕмӕ Генералон прокуратурӕйы фӕдагурӕг.
"Республикон соматикон рынчындонмӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд сбӕрӕг кодтам зианбаййафӕджы гоймаг, уый разынд Цхинвалы 24-аздзыд цӕрӕг", — банысан кодтой МХМ.
Барадхъахъхъӕнджытӕ дарддӕр дӕр бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.