ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik. Мидхъуыддӕгты министрады Фӕдагуырды хайады кусджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаджы фатерӕй ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмӕ ювелирон фӕлындӕнтӕ адавыны фӕдыл, фехъусын кодтой республикӕйы МХМ пресс-службӕйы.
"Уголовон хъуыддаджы ӕрмӕджытӕм гӕсгӕ, 24 сентябры ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ бахызтысты Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаджы хӕдзармӕ, адавтой ӕхцайы фӕрӕзтӕ цыппар мин сомы, афтӕ ма сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист фӕлындӕнтӕ дӕр", — банысан кодтой пресс-службӕйы.
Оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ фыдгӕнджыты сбӕрӕг кӕныны фӕдыл уадзынц Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад ӕмӕ МХМ криминалон милицийы уголовон фӕдагуырды хайады кусджытӕ.