Хуссар Иры президент бахаста кадрон ивындзинӕдтӕ ДИФ фадыджы

Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕртыццӕджы бафыста указ республикӕйы дзыллон информацион фӕрӕзты фадыджы кадрон ивындзинӕдты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий снысан кодта Уазӕгты Юрийы президенты информацион-аналитикон хайады хистӕрӕй, ӕмӕ йӕ ссӕрибар кодта информацион агентад "Рес"-ы сӕйраг редакторы бынатӕй. Ахӕм указ ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы официалон сайтыл.

Президент бахаста кадрон ивындзинæдтæ информацийы комитеты къухдариуæгады

Уазӕгты Юрий уыд информацион агентады сӕргълӕууӕг 2017 азы сентябрӕй. Президенты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ИА "Рес"-ы сӕйраг редактор ссис Харебаты Майя.

Афтӕ ма сӕ бынӕттӕй ссӕрибар кодтой паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты сӕргълӕууӕджы хӕдивджытӕ Коцты Андрей ӕмӕ Плиты Михаилы.