Нырма фæразæм: "Югосетнефтепродукт" бензины уавæры тыххæй Хуссар Иры

Иунæг фæндаг, кæцыйыл Хуссар Ирыстонмæ ласт цæуы æртаг, у æхгæд къуырийы дæргъы, фæлæ уый нырма æртаджы дефицитмæ не ʻркодта
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг æртагласджытæ нырма нæ фæтыхстысты бензины цухдзинадæй. Æртаг ис горæты æппæт станцты дæр.

Транкавказы автомагистралыл фæндагон змæлд тобæгонд у æвдæм бон. Специалисттæ бæстонæй нæ дзурынц, кæд бакæндзæн фæндаг.

"Нырма фæразæм. Кризисон моментмæ нырма не ʻнхъæлмæ кæсæм", - загъта Sputnik "Югосетнефтепродукт" директор Джыгкайты Сослан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æртаджы фæсауæрц нырма бирæ рæстæг сфаг уыдзæн. Сослан ма бафтыдта, хисæрмагонд æртагласджытæ дæр кæй нæ тыхсынц.

Хуссар Иры та фæфылдæр сты æртаджы ӕргътæ

"Югосетнефтепродукт"-ы сæргълæууæджы ныхæстæ бæлвырд кæнынц шофыртæ дæр.

"Знон ныккодтон æртаг хисæрмагонд станцы. Уыд дзы, стæй дзы стыр радтæ дæр нæ уыд. Ӕвæццæгæн, æртагласджытæ, уавæр æмбаргæйæ, стыр гуырахст æрластой", - загъта шофыр Тыджыты Эльбрус.

Чысыл цухдзинад банкъардтой газæй, уый æппæт станцты нæй.