ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 1 февралӕй фӕстӕмӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн ӕртаджы аргъ.
Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта ӕркӕсын республикӕйы ӕртаджы аргъ фӕкъаддӕр кӕныны фарстмӕ. Президент банысан кодта, бензины аргъ хъуамӕ ма уа 35 сомӕй фылдӕр, дизелон ӕртагӕн та 43 сомӕй фылдӕр.
"Абонӕй фӕстӕмӕ "Югосетнефтепродукт" уӕй кӕндзӕн АИ-92 маркӕйы бензин 35 сомӕй. Дизелон ӕртаджы аргъ уыдзӕн 41 сомы", - загъта Sputnik куыстуаты директор Джыгкайты Сослан.
Абоны онг "Югосетнефтепродукт"-ы ӕртаджы станцы АИ-92 маркӕйы бензин уыд 39 сомы, дизелон ӕртаг та 46 сомы.
"Югосетнефтепродукт" 2014 азӕй фӕстӕмӕ у нефтепродуктты официалон импортер паддзахадон куыстуат ӕмӕ компани "Роснефть"-имӕ бадзырдмӕ гӕсгӕ.