Дзӕуджыхъӕуы райдыдта ХХII республикон студентон уалдзӕг

Ӕртӕ конкурсон боны дӕргъы Фӕсивӕды галуаны сценӕйыл студенттӕ ерыс кӕндзысты музыкалон здӕхты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы райдыдта ХХII республикон студентон уалдзӕджы, хъусын кӕны телеканал Осетия-Ирыстон.

Кавказы хуыздӕр гармонист: хуссарирыстойнаг музыканты схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсейы

Ӕртӕ конкурсон боны дӕргъы Фӕсивӕды галуаны сценӕйыл студенттӕ ерыс кӕндзысты музыкалон здӕхты.

Дыццӕджы фӕсивӕд равдисдзысты сӕ курдиат кафӕн аивады, ӕртыццӕджы та ерыс кӕндзысты театралон здӕхты. Хайадисджытӕн аргъ кӕндзӕн компетентон жюри.

Мадзал фӕуыдзӕн гала-концертӕй, цы ран уӕлахиздзаутӕй дарддӕр хайад райсдзысты иууыл ирддӕр номырты хицӕуттӕ.

Студентон уалдзӕджы фӕстиуӕгӕн сараздзысты Цӕгат Ирыстоны командӕ, кӕцы хъахъхъӕндзӕн республикӕйы кад Пермы.