Ирон театры труппӕ ӕрцӕудзӕн Цхинвалмӕ

Ирыстоны цӕгаттаг сфӕлдыстадон коллектив хуссары столицӕйы равдисдзӕн аргъау ӕмӕ спектакль
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны ирон академион театр гастролты ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирыстонмӕ. Цхинвалы равдисдзысты аргъау "Гӕды цырыхъхъыты" ӕмӕ спектакль "Зӕлийы чындзытӕ", фехъусын кодтой Sputnik ПДТ-ы пресс-службӕйы.

Дзӕуджыхъӕу, Луганск ӕмӕ Майкоп: Хуссар Иры театр сфидар кодта фӕсарӕйнаг нывӕзт

Ирон театры труппæмæ æнхъæлмæ кæсынц 7 апрелы.

"Хуссар Иры паддзахадон драмон театр ӕмӕ Цæгат Ирыстоны ирон академион театрты хсӕн бадзырды фӕлӕгӕтты Цхинвалмӕ ӕрцӕудзӕн цӕгатирыстойнаг сфӕлдыстадон къорд 7 апрелы. Уыдон равдисдзысты комедион спектакль "Зæлийы чындзытæ", бонӕй та сабиты барӕвдаудзысты аргъау "Гӕды цырыхъхъыты"-йӕ", - загътой уагдоны пресс-службӕйы.

Ӕрыздӕхт: спектакль "Ромео и Джульетта" ногӕй равдисдзысты Цхинвалы

Уым ма банысан кодтой, Цӕгат Иры Ирон театры гастролты фӕстӕ та дзуаппы балцы ацӕудзӕн нӕ труппӕ.

"11 апрелы нӕ труппӕ фӕуазӕг уыдзӕн Дзӕуджыхъӕумӕ. Бонӕй кӕстӕр фӕлтӕрӕн равдисдзыстӕм "Тӕрхъусы амонд", изӕры та спектакль "Нӕлгоймаг, сылгоймаг, рудзынг, мард", - загътой Хусссар Ирыстоны театры  пресс-службӕйы.