Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг рамбылдта конкурс "АЗАР МА" хъæлæсæппæрстæй

Конкурсы хъæлæсæппæрсты хатдзæгтæм гæсгæ Джиоты Люба райста иууыл фылдæр хъæлæстæ æмæ фæхайджын ис "Приз зрительских симпатий"-йæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Джиоты Люба рамбылдта Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА" хъæлæсæппæрсты бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Зарæггæнæг йæхæдæг нымайы, рамбулын ын кӕй бантыст æнгомдзинады фæрцы.

Джиоты Люба ахызт вокалон конкурс "АЗАР МА"-йы финалмӕ

"Нæ зонын, куыд мын бантыст рамбулын. Уыцы зарджытæм чи хъуыста, мæ фарсмæ чи лæууыд, уыдон æнгомдзинад равдыстой æмæ æрвыстой СМС-тæ. Уыдон аскъуыддзаг кодтой, æз ацы призы аккаг кæй дæн æмæ рамбылдтон", - загъта Sputnik Джиоты Люба.

Уый ма банысан кодта, журналистикæйы æмрæнхъ йæ цард баст кӕй у музыкæимæ дæр.

Телекомпани "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон телепроект "АЗАР МА"-йы финалы уыд 10 зарӕггӕнӕджы. Конкурсы хъæлæсæппæрсты хатдзæгтæм гæсгæ Джиоты Люба райста иууыл фылдæр хъæлæстæ æмæ фæхайджын ис "Приз зрительских симпатий"-йæ. Социалон хызæгты бирæнымæц арфæйы телты хсæн æмбæлынц ахæмтæ :"Ахæм хъуамæ уа нырыккон ирон эстрадон зарæг", "сæйраг приз райста Люба".

"Арфæ кæнын нæхи Джиоты Любайæн уæлахизы тыххæй. Сæрыстыр дæ стæм", - ныффыста президент Бибылты Анатолий йæ фарсыл Фейсбукы.

Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА"-йы финал ацыд хуыцаубоны комкоммæ эфиры. Телефонон хъæлæсæппæрсты æмрæнхъ ма уæлахиздзау равзæрстой жюрийы уæнгтæ дæр - уый ссис Годжысаты Влада.

ХИПУ-йы ансамбль "А вдруг"-ы солисткӕ Хъодалаты Марияйы зарӕг "Мӕсыг", кӕцыимӕ ралӕууыд Джиоты Люба финалы ¼ -ӕм этапы, рацыд Хуссар Иры паддзахадон радио "Ир" ӕмӕ Цӕгат Иры радио "Алания"-йы эфиры.