ЦХИНВАЛ, 24 май - Sputnik. Цхинвалы тӕрхондоны скъуыддзагмӕ гӕсгӕ республикӕ Таджикистаны цыппар ӕмбӕстаджы фӕивар кодтой – иуы та сбадын кодтой ахӕстоны ӕууилкӕ тамако "Насвай" ӕвӕрыны тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Фыдгӕнджыты сбӕрӕг кодтой рейдты рӕстӕджы фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты рӕстӕгмӕ цӕрӕн бынӕтты Цхинвалы уголовон фӕдагуырд, миграцийы фӕдыл хайад ӕмӕ ПӔК кусджытӕ.
Буарад, кӕцы ссардтой Таджикистаны фондз ӕмбӕстагмӕ, бавдыстой басгӕрстмӕ МХМ экспертон-криминалистон центрмӕ – йӕ массӕ уыд 400 граммӕй фылдӕр.
Фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ фехӕлдтой РХИ закон "снюс" ӕмӕ "насвай" тамако ласын, ӕлхӕнын, уӕй кӕнын ӕмӕ пайда кӕныны" фӕдыл. Ацы закон фехӕлджыты Хуссар Ирыстоны ӕрбаздахдзысты административон бӕрнмӕ ӕмӕ сӕ фӕивар кӕндзысты, кӕнӕ та сӕ сбадын кӕндзысты ахӕстоны дыууӕ мӕймӕ.