Ирон барджыты легендарон номыр сӕндидзын кӕндзысты уӕрӕсейаг циркы

Номыр сӕндидзын кӕндзысты Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы хъӕппӕрисӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik. Уӕрӕсейаг цирк сӕндидзын кӕндзысты бӕхджын номыр "Джигиттӕ", кӕцы уыд бирӕ ирон барджыты репертуары. Уый фӕдыл Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий барвыста курдиат Уӕрӕсейы паддзахадон циркон компанимӕ, хъусын кӕны республикӕйы минӕварад Уӕрӕсейы Федерацийы.

Хуссар Иры бындур æрæвæрдтой барджыты скъолайæн

Номыр сӕндидзын кӕндзысты Уӕрӕсейы сгуыхт артист Батиаты Арсены къухдариуӕгады бын.

"Батиаты Арсены барджытӕ сты Ирыстоны легендарон минӕвӕрттӕ, Уӕрӕсейы советон федеративон республикӕйы адӕмон артисттӕ Тугъанты Михаил ӕмӕ Дзерассӕйы ахуыргӕнинӕгтӕ. Ирон адӕм ӕмӕ Цӕгат Кавказы адӕмтӕн номыр "Джигиттӕ" у национ культурӕйы символтӕй иу", - банысан кодта президент.

Бибылты Анатолий равдыста ныфс, Уӕрӕсейы паддзахадолн цирк кӕй сараздзӕн ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ ансамбль "Алания"-йы бӕхджын театрӕн дарддӕры ӕххуысӕн.

Уӕрӕсейы паддзахадон циркы къухдариуӕгад бахахх кодта, зӕгъгӕ, сӕ сӕйраг нысаниуӕг у бавӕрын циркон хъуыддаджы ӕнусон традицитӕ, ӕмӕ уый фӕдыл аскъуыддзаг кодтой сӕндидзын кӕнын "Алания"-йы номыр.