Хуссар Ир Европӕйы чемпионат ConIFA-йы фыццаг хъаст акӕндзӕн Ныгуылӕны Сомихимӕ

Хуссар Ирыстоны командӕ ис "B" къорды Секейы бӕстӕ, Ныгуылӕны Сомих ӕмӕ Паданиимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 май - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Дыууадӕс командӕйӕ, кӕцытӕ бахызтысты Европӕйы чемпионат ConIFA турнирон таблицӕмӕ, ерысты хайад райсдзысты ӕрмӕстдӕр аст: чемпионаты райдайӕны размӕ дыууӕ командӕ фехъусын кодтой, цӕттӕ кӕй не сты хайад райсынмӕ.

Зассеты Сергей: Хуссар Ир арвитдзӕн ConIFA-2019 чемпионатмӕ фидар командӕ

Афтӕмӕй фӕбӕрӕг сты хуссарирыстойнаг командӕйы ныхмӕлӕуджытӕ: фыццаг хъаст акӕндзысты 2 июны Ныгуылӕны Сомихы командӕимӕ.

Хуссар Ирыстоны командӕ ацыд Ереванмӕ ӕртыццӕджы, 29 майы. Уырдыгӕй делегаци президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Хуссар Ирыстоны спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдар Зассеты Сергейы сӕргълӕудӕй ацӕудзӕн Хӕххон Карабахмӕ.

"Бӕстӕйы командӕмӕ фыццаг хатт фӕхуыдтой футболон клуб "Цхинвал"-ы хъазджыты. Афтӕ ма ӕрхуыдтой футболистты, кӕцытӕ хъазынц уӕрӕсейаг фыццаг ӕмӕ дыккаг лигӕйы", - хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны спорт ӕмӕ туризмы комитеты официалон фарс Facebook-ы.

Хуссар Иры президент абалц уыдзӕн Хӕххон Карабахмӕ

Уымӕй дарддӕр ма хуссарирыстойнаг командӕйӕн баххуыс кӕндзысты фӕлтӕрд футболисттӕ, кӕцыты хсӕн ис Мулдарты Алексей, кӕцы цалдӕр азы хъазыд уӕрӕсейаг премьер-лигӕйы, "Спартак-Владикавказ"-ы размӕбырсӕг Хуасдзауты Дзамболат ӕмӕ Гуырциаты Батрадз, кӕцыйы командӕ "Чайка" ахызт Уӕрӕсейы фыццаг лигӕмӕ.

Бибылты Анатолий балцы рӕстӕджы ауадздзӕн баныхас Хӕххон Карабахы президент Бако Саакянимӕ. Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны официалон делегаци бабӕрӕг кӕндзӕн республикӕйы сӕудӕджерадон куыстуаттӕ, культурон ӕмӕ историкон объекттӕ, хайад райсдзысты Европӕйы чемпионат ConIFA – 2019 баконды церемонийы.

Футболон организаци ConIFA æрцыд арæзт 2013 азы июны æмæ иу кæны æнæнымад бæстæты футболон ассоциациты.

Европӕйы чемпионат ConIFA – 2019 ацӕудзӕн Хӕххон Карабахы 1-9 июны.