ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Дриаты Лейла. 2019 азы кæронмæ цифрæйон телеалæвæрды куыстытæ кæронмæ ахæццæ уыдзысты æмæ республикæйы 92 процентæн сæ бон уыдзæнис ног фарматмæ ахизын, фехъусын кодта Sputnik Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасан.
Нымæцон телеуынынады проект хаст уыд 2018-2019 азтæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ æмæ æххæст цæуы дыууæ этапæй.
"Фыццаг этапы арæзт цыд нымæцон телеуынынады хызæг æмæ арæзт та æрцыд фондз объекты. "Паук"-ы бæрзæндыл цы мæсыг монтаж æрцыд, уый фæрцы ныридæгæн горæт æмæ Цхинвалы районы хъæутæй горæтмæ хæстæг чи ис, уыдонæн сæ бон у нымæцон телеалæвæрдтæй 22 каналмæ кæсын"- загъта Джиголаты Хасан.
Базæйон станцтæ ивгъуыд аз арæзт æрцыдысты Ленингоры райцентр æмæ Цъинагармæ хæстæг, Гуфтайы æмæ Малдайы хъæуты, Знауыры æмæ Дзауы райцентрты.
"Дыккаг этапыл, ома, 2019 азы цы куыстытæ хъуамæ бакодтаиккам, уыдонмæ та æрæвнæлдтой цалдæр мæйы размæ. Базæйон станцтæ арæзт цæуынц Къуайсайы, Теделеты æмæ уый фæстæ та ахиздзысты Знауыры районы хъæутæм. Уыдон иууылдæр баиу уыдзысты "Паук"-ы бæрзæндыл цы 70 метры бæрзæндæн антеннæ ис, уымæ", - бафтыдта уый.
Джиголаты Хасан куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, æппæт уыцы куыстытæ афæдзы кæронмæ кæй фæуыдзысты æмæ уый фæстæ Хуссар Ирыстон цадæггай кæй райдайдзæн нымæцон телеæвдыстадмæ хизын. 2022 азмæ æмткæй нæ телеуынынады сигнал суыдзæнис нымæцон.
Нымæцон-эфирон сигнал æнцонвадат дæр у, хæццæ кæны дæрддзæф хæххон хъæутæм дæр. Нымæцон эфирон телеуынынад исынæн хъæуы дециметрон диапазоны антеннæ балхæнын. 2013 азæй фæстæмæ уагъд телевизортæн сæхи мидæг ис DVB-72 мультиплекстæ.
Нымæцоны телеалæвæрдты хорздзинад ис уый мидæг æмæ аналогы кæд мультиплексы пакеттæ уыд 10, уæд нымæцоны та лæвæрд цæуы 20 федералон телеканалы хæрзгъæддæрæй.