ЦХИНВАЛ, 15 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæнд кæнынц саразын психологон реабилитацийы центр. Уый тыххæй радзырдта Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Сиукъаты Наира тымбыл фынджы рæстæджы, цы ран уынаффæ кодтой фæсхæст периоды цæрджыты психологон уавæрыл.
"Тынг бирæ адæмы хъæуы психологты æххуыс, куыд сабиты, афтæ хистæр кары адæмы дæр. Цæрджытæ иууыл арæхдæр æрбахатынц ахæм проблемæтимæ, куыд психогенетика, алыгъуызон тастæ кар æмæ статусмæ æнæкæсгæйæ. Республикæйы та нæй сæрмагонд уагдон, ахæм адæмæн чи æххуыс кæна. Ныр нæ министры фæрцы фæнд кæнæм бакæнын реабилитацион центр, цы ран алы адæймагæн дæр йæ бон уыдзæн райсын специалистты консультацитæ", - радзырдта Сиукъаты Наира.
Уый банысан кодта, центр кæй байгом уыдзæн горæты поликлиникæйы раздæры бæстыхайы бындурыл.
Афтæ ма министры хæдивæг банысан кодта, центры специалисттæ кæй рацæудзысты ахуыр Уæрæсейы. Уымæй дарддæр ма бынадмæ хуынд цæудзысты уæрæсейаг специалисттæ дæр.