Хуссарирыстойнаг самбисттӕ расгуыхтысты Цӕгат Иры фыццагады

Октябрскийы турниры ӕвзонг спортсментӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ дыууӕ бронзӕйон майданы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы самбойы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ рамбылдтой фондз хорзӕхы Цӕгат Ирыстоны фыццагады, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Хуссар Иры æмбырдгонд командæ боксæй стох кæндзæн Захарченкойы номарæн турниры

Ӕвзонг хуссарирыстойнаг самбисттӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ дыууӕ бронзӕйон майданы.

"Турниры уӕлахиздзаутӕ ссисты Хъуылымбегты Марат ӕмӕ Джиоты Давид, дыккаг бынатыл ацыд Тедеты Эдуард, бронзӕйон майдантӕ та рамбылдтой Карсанты Тамерлан ӕмӕ Коцты Дмитрий", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Спортсменты тренер Коцты Тамерлан банысан кодта Коцты Дмитрийы архайд фыццагады, кӕцы йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ рамбылдта цыппар тохы, фӕлӕ йӕ травмӕ нӕ бауагъта ахизын финалмӕ.