Ирыстойнаг дзюдоист рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Финалон тохы 100 килограмм уӕзы категорийы Багаты Нодар рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Мӕскуыйӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсмен Багаты Нодар рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕпптуӕрӕсейон ерысты дзюдойӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Ирыстойнаг дзюдоист рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Ерыстӕ, кӕцытӕ уыдысты нывонд ССРЦ сгуыхт тренер Владлен Андреевӕн, ацыдысты Мӕскуыйы.

Хуссар Иры спортсментæ рамбылдтой дæс майданы "Сабырадон Кавказ"-ы

Финалон тохы 100 килограмм уӕзы категорийы Багаты Нодар рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Мӕскуыйӕ Александр Антоновы.

Багаты Нодар цӕттӕ кодта ерыстӕм Айларты Ирбег ӕмӕ Хъесаты Сергейы къудариуӕгады бын.

Владлен Андреев у советон самбист, тренер, Мӕскуыйы самбойы федерацийы разамонӕг. Андреевы къухдариуӕгады бын сарӕзтӕуыд ССРЦ фыццаг командӕ дзюдойӕ. Бӕстӕйы сӕйраг тренеры бынаты Андреев цӕттӕ кодта спортсменты ӕртӕ Олипиадӕ, фондз дунейы чемпионат ӕмӕ 14 Европӕйы чемпионатмӕ.