Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта УФ Генштабы хистӕры хӕдивӕджы Хӕларады Орденӕй

Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци УФ Гарзджын тыхты Генералон штабы хистӕры хӕдивӕг Сергей Истраковы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕбонон кусӕгон балцы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 дек - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты Генштабы хистӕры хӕдивӕг Сергей Истраковы Хӕларады Орденӕй сгуыхтдзинӕдты тыххӕй ӕфсӕддон ӕмгуыстады райрӕзты, стыр профессионализм ӕмӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынадон фадӕттӕ сфидар кӕныны. Хорзӕхкӕныны церемони ацыд УФ Хъахъхъӕнынады министрады делегациимӕ фембӕлды рӕстӕджы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта УФ Генштабы хистӕры хӕдивӕджы Хӕларады Орденӕй

Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕбонон кусӕгон балцы.

Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци

Бибылты Анатолий банысан кодта дыууӕ бӕстӕйы хъахъхъӕнынадон уагдӕтты ӕмархайды стыр ӕмвӕзад.

Сергей Истраков та бахахх кодта, Уӕрӕсейы стыр аргъ кӕй кӕнынц Хуссар Ирыстонимӕ ӕмгуыстадӕн.

"Мах тырнӕм райтынг кӕнын ӕмгуыстад. Реализаци цӕуынц бадзырдтӕ, балхынцъ ис Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты реформӕ. Гӕнӕн ис зӕгъын, мах кӕй рахызтыстӕм ног этапмӕ – цӕттӕкӕнынады стыр ӕмвӕзадмӕ", - загъта уый.

Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта УФ Генштабы хистӕры хӕдивӕджы Хӕларады Орденӕй

Афтӕ ма уӕрӕсейаг Генштабы хистӕры хӕдивӕг бафтыдта, 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы терииторийыл ныридӕгӕн кӕй службӕ кӕнынц Хуссар Ирыстоны 508 ӕмбӕстаджы, уыдон иууылдӕр цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Уымӕй дарддӕр Сергей Истраков радзырдта куысты тыххӕй, кӕцы бакодтой Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагимимӕ дыууӕ боны дӕргъы.

"Ӕхсӕнпаддзахадон бадзырдтӕм гӕсгӕ ӕркастыстӕм хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонты пенсион ифтонгадмӕ, афтӕ ма реализаци цӕуы бадзырд медицинон ӕххуысы фӕдыл ӕфсӕддонтӕн. Фӕлӕ нӕм нырма ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ куыст", - загъта Истраков.

Фембӕлды кӕрон Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады кӕцыдӕр офицерты президенты барамындӕй схорзӕхджын кодтой майдантӕй "Хуссар Ирыстоны сабырдзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй".