Митын Дадайы номӕй: Хуссар Иры къухдариуӕгад хайад исы хӕрзаудӕн акцийы

Хуссар Ирыстоны парламенты спикер ӕмӕ хицауады сӕрдар ӕрбаиу сты акци "Бӕллицты фонтан"-мӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕной сывӕллӕтты бӕллицтӕ Ног азы агъоммӕ. Амӕйразмӕ хӕрзаудӕн проекты хайад райста республикӕйы президент
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Тадтаты Алан, республикӕйы премьер-министр Пухаты Эрик, афтӕм ма йӕ хӕдивӕг – экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий хайад райстой ногазон хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы, кӕцы уагъд цӕуы ПТРК "ИР"-ы бӕстыхайы.

Бибылты Анатолий хайад райста ногазон акци "Бӕллицты фонтан"-ы

Хæрзаудæн проект æххæст цæуы ныр æтыккаг аз – сӕ ногазон фыстӕджытӕ ныффыстой Цхинвалы æмæ Дзауы скъола-интернатты ахуырдзаутæ, афтӕ ма Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ.

"Ацы проекты райдайӕнӕй фӕстӕмӕ парти "Иугонд Ирыстон" дзы активон хайад исы. Мах бафӕлвардзыстӕм сӕххӕст кӕнын бирӕ сывӕллӕтты бӕллицтӕ", - загъта Тадтаты Алан.

Митын Дадайы номӕй: Хуссар Иры къухдариуӕгад хайад исы хӕрзаудӕн акцийы

Парламенты спикер систа фонтанӕй ӕртӕ ахуырдзауы фыстӕджытӕ, кӕцытӕ ракуырдтой Митын Дадайӕ гироскутер, велосипед ӕмӕ телефон.

Пухаты Эрик банысан кодта, ахӕм акцитӕ кӕй ӕрхӕссынц сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм циндзинад.

"Ног аз у иунӕг бӕрӕгбон, кӕцымӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, фӕнды сӕ, цӕмӕй сӕ бӕллицтӕ сӕххӕст уой. Ӕмӕ мах, хистӕртӕ, хъуамӕ сӕххӕст кӕнӕм сӕ бӕллицтӕ", - загъта хицауады сӕрдар.

Бекъойты Геннадий бахахх кодта, ӕхсызгон ын кӕй у баххуыс кӕнын ӕххуысхъуаг бинонтӕн.

Акци "Бӕллицты фонтан"-ы фӕлгӕтты республикæйы сæдæгай сабитæн сæ ногазон бæллицтæ сæххæст кæнынц амалхъом адæм. Сывӕллӕттӕ ауагътой фонтаны наутӕ фыстӕджытимӕ, кӕцытӕ здӕхт сты Митын Дадамӕ.