Цхинвалы сараздзысты психиатри æмæ наркологийы центр

Цхинвалы психрынчындон ныппырх ис 2008 азы хæсты рæстæджы, уæдæй фæстæ йын нæ бантыст саразын, кæцыдæр адæймæгтæ хъыгдард психикæимæ фенæн ис абон дæр Цхинвалы уынгты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты инвестицион нывæзты фæлгæтты Цхинвалы 2020-2022 æзты сараздзысты психиатри æмæ наркологийы центр, медицинон нысаны уагдон фæзындзæн медицинон кластеры территорийыл, фехъусын кодта Sputnik арæзтады министрады пресс-секретарь Тедеты Алена.

Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы

Цхинвалы психрынчындон ныппырх ис 2008 азы гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы. Уынджы аззадысты дæсгай низæфхæрд адæм, сæ иу хай Цæгат Ирыстонимæ бадзырды фæлгæтты снысан кодтой Дзæуджыхъæуы хосгæнæн центрмæ, кæцыдæр адæймæгтæ хъыгдард психикæимæ фенæн ис абон дæр Цхинвалы уынгты. Хатгай уыдон саразынц фыдракæнтæ æмæ бахауынц барадхъахъхъæнæг органты цæстдарды бын.

Психрынчындоны арæзтадæн Инвестицион нывæзты фæлгæтты хицæн æрцæудзæн 20 милуан сомы.

"Медицинон кластеры размæцыды охыл 2020-2022 æзты сараздзысты психиатри æмæ наркологийы центр, цы ран уыдзæн стандартон койкæтæ æмæ æппæт уавæртæ дæр рынчынтæн. Уый раздæры психрынчындоны æнгæс нæ уыдзæн", - загъта министрады минæвар.

Уый ма банысан кодта, нывæзтон куыстыты фæлгæтты рацараздзысты медицинон кластеры бæстыхæйттæй иу, цы ран раздæр уæвынад кодтой хæдзарадон хатæнтæ.

Психиатри æмæ наркологийы центр арæзт цæуы Хуссар Иры 2019-2022 æзты æнæниздзинад хъахъхъæнынады размæцыды нывæзты фæлгæтты.