ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдис равзæрста ног сæргълæууæджы. Сфæлдыстадон баиугонды сæргъ слæууыд Хуссар Ирыстоны курдиатджын нывгæнæг Битеты Алан.
Нывæгæнджыты цæдисы сæргълæууæджы æвзарынц баиугонды уæнгтæ æртæ азы æмгъуыдмæ. Битеты Алан æвзæрст æрцыд фылдæр хъæлæстæй.
"Ис мын хъуыдытæ цы хаххыл хъуамæ размæ цæуа Нывгæнджыты цæдис æмæ сæ биноныг кæндзынæн царды. Ӕппæтдæр араздзынæн, цæмæй цæдис размæ цæуа", - загъта Sputnik Битеты Алан.
Нывгæнджыты цæдисы сæрдар æвзæрст æрцыд æмбырды рæстæджы. Нырмæ йын разамынад дæтта Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Цхуырбаты Тамерлан.