Цхинвалы цæгат хай баззад æнæ донæй

Микрорайонтæ БАМ æмæ Мæскуыйагы ахицæн кодтой донифтонгад магистралон хаххыл авари аиуварс кæныны тыххæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы цæгаттаг хай баззад æнæ донæй. Цхинвалмæ хæстæг доны хаххыл атыдтой коммуникацитæ, авари аиуварс кæныныл архайынц "Водоканал"-ы кусджытæ, фехъусын кодтой Sputnik горæты администрацийы пресс-службæйы.

Цхинвалы иу ӕхсӕвмӕ ахицӕн кӕндзысты дон

Дон æрлæууыд йæ цæуынæй Цхинвалы цæгаттаг микрорайонты, кæцытæ ифтонг цæуынц комкоммæ магистралон хахх "Едыс-Цхинвал"-æй.

"Мæскуыйаг микрорайоны аргъуанмæ хæстæг стыдтой коммуникацитæ, авари иуварс кæныны рæстæджы бахъуыд ахицæн кæнын донифтонгад", - загътой пресс-службæйы.

Уагдоны баныфсæвæрдтой, зæгъгæ, куыддæр куыстытæ фæуой, афтæ микрорайонтæ БАМ æмæ Мæскуыйагмæ ратдзысты дон æрвылбонон режимы.