Хуссар Иры пенситӕ ӕмӕ фиддонтӕ хӕссдзысты хӕдзӕрттӕм карантины тыххӕй

Хӕдзӕрттӕм социалон фиддонтӕ хӕсдзысты хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ республикӕйы территоримӕ коронавирусы ӕрбахызт ма ‘руадзыны тыххӕй уӕлӕмхасӕн мадзӕлтты фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Хуссар Иры постон-телеграфон службӕ хӕдзӕрттӕм хӕсдзӕн пенситӕ ӕмӕ сывӕллӕтты фиддонтӕ карантины уавӕрты. Службӕ кусы штатон режимы санитарон-эпидемиологон рекомендацитӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ.

Хуссар Иры цӕрджыты бафӕдзӕхстой карантин фехалыны фӕдыл бӕрны тыххӕй

Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕмӕ коронавирус COVID-19 ма ‘руадзыны фӕдыл. Арӕнӕвӕрдтӕ уыдзысты 13 апрелы онг.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 1 милуан адӕймагӕй фылдӕр 181 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 51 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.