ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг архиепископ Леонид раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны адӕмӕн Хӕрзуацы бӕрӕгбоны цытӕн.
"Хӕрзуац у иууыл сӕйрагдӕр рӕстдинон бӕрӕгбонтӕй сӕ иу, хорз уацы бон, кӕцы ӕрцыд адӕммӕ Архангел Гавриилы уылты. Уыцы бон ма Мад Майрӕм баууӕндыд Хуыцауыл ӕмӕ Йӕ ныфсы руаджы мах фервӕзтыстӕм", - дзырдӕуы арфӕйы.
Архиепископ банысан кодта, Хӕрзуац кӕй у ӕппӕтдунейон циндзинады райдайӕн.
"Бердзенаг ӕвзагыл бӕрӕгбоны ном у "Евангелисмос" ӕмӕ арӕзт ӕрцыд дзырд Евангелийӕ. Ног Фӕдзӕхсты чиныг, Евангели, дӕр у Хӕрзуац", - банысан кодта Леонид.
Архиепископ ӕрсидт, "цӕмӕй ацы зын рӕстӕджы ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ нӕхи ӕрбайгом кӕнӕм Хорз уацӕн".
Хӕрзуац у рӕстдинон дзуары дыууадӕс сӕйраг бӕрӕгбонтӕй сӕ иу. Уый нысан кӕнынц 7 апрелы, фӕлӕ йӕ, традицимӕ гӕсгӕ, адӕм райдайынц нысан кӕнын ацы бӕрӕгбон хӕдагъоммӕ изӕры.