Цхинвалы зазхӕссӕны рӕстӕджы нӕ фехӕлдтой карантинон мадзӕлттӕ – МХМ

Арӕнӕвӕрдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, кӕцытӕ баст сты коронавирусимӕ, ивгъуыд улӕфт бонты Хуссар ирыстоны рӕстдинонтӕ банысан кодтой Зазхӕссӕны бӕрӕгбон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сӕ цӕст дардтой коронавирусы ныхмӕ карантинон мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ Зазхӕссӕны бӕрӕгбоны рӕстӕджы Цхинвалы аргъуанты.

Хуссар Иры адарддӕр кодтой карантин ӕхсӕнадон бынӕтты 20 апрелы онг

Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй динон мадзӕлтты размӕ Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) инженерон-техникон хайады кусджытӕ багӕрстой аргъуанты территоритӕ. Афтӕ ма ӕрӕхгӕдтой аргъуанты цур уынгтӕ: Ирӕтты, Сомихӕгты, Донбылгӕрон ӕмӕ Джиоты Аланы проспект.

"Барадхъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдтой бацӕуӕнты контролон-уадзӕн пункттӕ ӕмӕ дезинфекци кодтой цӕрджыты къухтӕ дезинфекцион фӕрӕзтӕй. Алкӕцы аргъуаны раз дӕр лӕууыдысты милицийы кусджытӕ ӕмӕ сӕ цӕст дардтой карантинон фӕтктӕ ӕххӕст кӕнынмӕ", - дзырдӕуы МХМ хъусинаджы.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.