Хуссар Иры хицауад иу мӕймӕ материалон ӕххуыс бакодта 100 ӕмбӕстагӕй фылдӕрӕн

Республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ бахаудтой царды уӕззау уавӕры, адресон ӕххуыс кӕнынц ӕрвылмӕй дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik. Материалон ӕххуыс 1,2 милуан сомы бӕрц 2020 азы марты райстой Хуссар Ирыстоны 110 цӕрӕджы. Ӕхцайы фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад республикӕйы хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ.

Хуссар Иры ӕххуысхъуаг бинонтӕн уарынц хӕлцадон продукттӕ

Паддзахадон ӕххуыс райстой: I ӕмӕ II къорды 20 инвалиды (250 мин сом); 13 сабийы бонтӕй инвалиды (130 мин сом); 44 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ (500 мин сом); цыппар амӕттаджы бинонтӕ (60 мин сом); 20 ӕххуысхъуаг бинонтӕ (210 мин сом) ӕмӕ фондз сидзӕры (50 мин сом).

Афтӕ ма, дыууӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ бахаудтой царды уӕззау уавӕры, райстой фӕйнӕ 10 мин сомы, республикӕйы дыууӕ цӕрӕджы та райстой материалон ӕххуыс сӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй (25 мин сомы).