Сырх Дзуары сӕрдар: цӕттӕ стӕм баххуыс кӕнын Хуссар Ирӕн COVID-19-ы ныхмӕ тохы

Республикӕйы ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий ӕрдзырдта коронавирусимӕ тохы фӕдыл ӕхсӕнадон организацийы минӕварады ног сӕргълӕууӕг Хуссар Ирыстоны Кармен Эчесарретимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитеты ног сӕргълӕууӕг Кармен Эчесаррет равдыста ныфс, коронавирус кӕй не ‘рбахиздзӕн республикӕйы территоримӕ, афтӕ ма банысан кодта организацийы цӕттӕдзинад COVID-19-ы ныхмӕ тохӕн баххуыс кӕнынӕн. Уый тыххӕй комитеты сӕрдар фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитриимӕ фембӕлды рӕстӕджы дыццӕджы, хъусын кӕны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.

Сырх Дзуары сӕрдар: цӕттӕ стӕм баххуыс кӕнын Хуссар Ирӕн COVID-19-ы ныхмӕ тохы

"Фембӕлды рӕстӕджы сӕйраг хъусдард здӕхт уыд коронавирусы пандемийы фарстытӕн, афтӕ ма бахахх кодтой дунейы ӕхсӕнады тыхты активизацийы ахсджиагдзинад ацы инфекцийы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Дезинфекци ӕмӕ маскӕтӕ: куыд бандӕвта коронавирус Сырх Дзуары куыстыл Хуссар Иры

Афтӕ ма фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой Сырх Дзуары архайды фарстытыл Хуссар Ирыстоны территорийыл, ӕмӕ ӕркастысты организацийы дарддӕры нывӕзтытӕм.

Медойты Дмитрий хорз саргъ кодта ӕхсӕнадӕмон организацийы архайдӕн, сӕйраджыдӕр, ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы агурыны фӕдыл координацион механизмӕн.