УФ емынӕйы ныхмӕ институтӕй медиктӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирмӕ сӕ коллегӕтӕн ӕххуысмӕ

Уӕрӕсейаг коллегӕты ӕххуыс фӕтагъддӕр кӕндзӕн COVID-19 сбӕрӕг кӕныны фӕдыл тесттӕ уадзыны процесс
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Югосетпотребнадзорӕн баххуыс кӕныны фӕдыл республикӕмӕ ӕрцыдысты Ставрополы емынӕйы ныхмӕ институты дыууӕ специалисты. Уыдон баххуыс кӕндзысты хуссарирыстойнаг специалисттӕн ауадзын тесттӕ, загъта Sputnik паддзахадон бюджетон уагдон "Центр гигиены и эпидемиологии"-йы сӕйраг дохтыр Томайты Зӕлинӕ.

Хуссар Иры карантины уӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕн нал ис гӕнӕн бадӕттын хӕлцадон продукттӕ

Амӕйразмӕ ацы институты дохтыртӕ баххуыс кодтой хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн ауадзын фыццаг тесттӕ коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл. Ацы хатт уыдон ӕрцыдысты Роспотребнадзоры сӕргълӕууӕг Анна Поповайы барамындӕй.

"Нӕ коллегӕтӕ Ставрополы емынӕйы ныхмӕ институтӕй ӕххӕст кӕнынц махӕн практикон ӕххуыс. Тестты хай уадзынц уыдон, аннӕ хай та нӕ специалисттӕ. Уый тагъддӕр кӕны фӕстиуджытӕ райсыны процесс. Афтӕ ма мах куысты рӕстӕджы райсӕм ӕнӕмӕнгхъӕуӕг рекомендацитӕ", - загъта Томайты Зӕлинӕ.

Уымӕй дарддӕр, Югосетпотребнадзоры бафтыдтой, Уӕрӕсе кӕй рахицӕн кӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн тестты ног парти.

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.