Хуссар Ир райдыдта экстремизмы ныхмӕ Конвенцимӕ ӕрбаиу кӕныны процедурӕтӕ

Хуссар Ирыстоны парламент амӕйразмӕ сратификаци кодта закон, цӕмӕй республикӕ ӕрбаиу уа Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Конвенцимӕ экстремизмимӕ тох кӕныны фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон райдыдта мидӕггагон паддзахадон процедурӕтӕ, цӕмӕй республикӕ ӕрбаиу уа Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Конвенцимӕ экстремизмимӕ тох кӕныны фӕдыл.

Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы бафыстой бадзырд Хуссар Ирӕн финансон ӕххуысы фӕдыл

Президент Бибылты Анатолий ӕртыццӕджы бафыста ратификацион грамотӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ ауадздзысты мидӕггагон паддзахадон процедурӕтӕ. Документ ныммыхуыр кодтой республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сайтыл.

Документы тексты дзырдӕуы, Хуссар Ирыстоны парламент 20 марты законӕй кӕй сратификаци кодта Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Конвенци экстремизмимӕ тох кӕныны фӕдыл.

Ратификацион грамотӕйы банысан кодтой, Конвенцийы принциптӕ цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты.

Хуссар Ир райдыдта экстремизмы ныхмӕ Конвенцимӕ ӕрбаиу кӕныны процедурӕтӕ

Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Конвенци экстремизмимӕ тох кӕныны фӕдыл бафыстӕуыд 2017 азы 9 июны горӕт Астанайы организацийы паддзахӕдтӕ-уӕнгты сӕргълӕуджыты Советы рабадтыл. Фарон сентябры Уӕрӕсейы ФХМ ӕрсидт алкӕцы бӕстӕмӕ дӕр, цӕмӕй ӕрбаиу уой экстремизмы ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл Конвенцимӕ. Уӕрӕсейы ФХМ ног ӕртхъирӕнты фарстыты фӕдыл департаменты директор Владимир Тарабрин фехъусын кодта, УФ дарддӕр кӕй кусдзӕн ӕмгуыстад сфидар кӕныны фӕдыл ацы фадыджы.