Хуссар Иры цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы цыбыр кусӕгон къуыри

Республикӕйы уыдзӕн ӕртӕ улӕфт боны июны райдайӕны бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ гӕсгӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фидӕн къуыри уыдзӕн цыбыр Уӕрӕсейы боны фӕдыл.

Хуссар Ир бадзырдта ӕмгуыстадыл УФ Воронежы областимӕ

Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ гӕсгӕ, афтӕ ма республикӕйы уӕвӕг фӕллойадон законады нормӕтӕм гӕсгӕ, бӕрӕгбоны цытӕн республикӕйы уыдзӕн ӕртӕ улӕфт боны.

Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ улӕфдзысты майрӕмбоны, сабаты ӕмӕ хуыцаубоны, 12-ӕй 14-ӕм июньмӕ.

Уӕрӕсейы бон, кӕцы нысан кӕнынц 12 июны, нымайынц Уӕрӕсейы иууыл ӕвзонгдӕр паддзахадон бӕрӕгбонтӕй сӕ иу. Нысан ӕй кӕнынц 1990 азӕй фӕстӕмӕ, Бӕстӕйы хӕдбардзинады фӕдыл деклараци куы бафыстой, уӕд.