Хуссар Иры разӕсгарджытӕ ацыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ

Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ ацӕудзысты 2020 азы ӕхсӕзӕм хатт, уыдон райдайдзысты 23 августы ӕмӕ адарддӕр уыдзысты 5 сентябрмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонтӕ 15 августы ӕхсӕвы ӕрцыдысты Новосибирскмӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ "АрМИ–2020"-ы хайад райсынмӕ.

Хуссар Иры разӕсгарджытӕ ацыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ

Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, хуссарирыстойнаг командӕ фыццаг хатт хайад райсдзӕн конкурсы "Отличники войсковой разведки".

"Уӕрӕсейаг фарс фембӕлд не ‘фсӕддонтыл бӕрӕгбонон уавӕры Новосибирскы аэродромы – сӕвӕрдтой цытджын хъарагъул, афтӕ ма ӕфсӕддон оркестр сӕххӕст кодта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимн", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕфсӕддонтӕн ауагътой экскурси Новосибирскы – Хӕстон кады музеймӕ ӕмӕ ӕндӕр бынӕттӕм.

Хуссар Иры разӕсгарджытӕ ацыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ

Абонӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады командӕ райдайдзӕн цӕттӕ кӕнын конкурсмӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ иумӕйаг тыхтӕй скуынӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы"

"Конкурсы фӕлгӕтты уыдзӕн раргъӕвдзысты десант ӕмӕ сараздзысты марш-бросок, афтӕ ма дзы уыдзӕн разӕсгарджытӕ-специалистты конкурс, ӕхстытӕ ӕмӕ разӕсгарӕн къорды рацыд рӕвдзыты бынатмӕ хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныны нысанӕн", - банысан кодтой уагдоны.

Конкурс "Отличники войсковой разведки"-йы бӕрӕгбонон баконд ацӕудзӕн 23 августы Новосибирскы уӕлдӕр ӕфсӕддон командон ахуыргӕнӕндоны ахуырадон комплексы территорийыл.

Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы фӕхуыдта Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты хайад райсынмӕ уӕрӕсейаг хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг Сергей Шойгу.