Ирыстойнаг чызг рамбылдта бронзӕйон майдан Уӕрӕсейы чемпионаты уӕззау атлетикӕйӕ

Ерыстӕ райдыдтой Грозныйы ӕмӕ адарддӕр уыдзысты 23 августы онг, Цӕгат Ирыстоны кад турниры хъахъхъӕнынц 11 спортсмены
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Гасситы Мария Цӕгат Ирыстонӕй схызт кады пьедесталы ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ Уӕрӕсейы чемпионаты уӕззау атлетикӕйӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Уӕрӕсейы чемпионат хъӕбысхӕстӕй Дзӕуджыхъӕуы гӕнӕн ис ацӕуа ӕнӕ кӕсджытӕй

Иумӕйагӕй спортсменкӕ систа 157 килограммы (68 кг +89 кг). Гасситы Мария тренировкӕ кӕны йӕ фыд – Гасситы Русланы – къухдариуӕгады бын.

Цӕгат Ирыстоны кад ацы ерысты хъахъхъӕнынц 11 спортсмены: Гасситы Мария (49 кг), Соттиты Яна (76 кг) ӕмӕ Гусаты Мӕдинӕ (73 кг), Къусты Тимур (73 кг), Хуыгаты Хетӕг (96 кг), Кӕсӕбиты Александр ӕмӕ Къӕбысты Артур (дыууӕ дӕр 102 кг), Багаты Владимир ӕмӕ Годжысаты Дмитрий (дыууӕ дӕр 109 кг), Наниты Арсен ӕмӕ Кокайты Сослан (дыууӕ дӕр 109). Турнир уагъд цӕуы Грозныйы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 23 агвгусты онг.