Уӕрӕсейы чемпионат хъӕбысхӕстӕй Дзӕуджыхъӕуы гӕнӕн ис ацӕуа ӕнӕ кӕсджытӕй

Турнир хъуамӕ ацыдаид апрелы Бурятийы, фӕлӕ пандемийы тыххӕй йӕ аргъӕвтой октябрьмӕ ӕмӕ йӕ рахастой Дзӕуджыхъӕумӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, кӕцы ацӕудзӕн 9-11 октябры Дзӕуджыхъӕуы, гӕнӕн ис ацӕуа ӕнӕ кӕсджытӕй, фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны физикон культурӕ ӕмӕ спорты министр Хуыгаты Алан.

Хуссар Иры богал стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы чемпионаты

ПТРК "Алани" куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Хуыгаты Алан банысан кодта, ӕмбӕлон рекомендацитӕ кӕй райстой Роспотребнадзоры, уымӕн ӕмӕ адӕмы массон ӕмбырдтӕ пандемийы рӕстӕджы сты тӕссаг.

Ацы фарсты фӕдыл скъуыддзаг рахӕсдзӕн УФ спорты министрад ӕмӕ спортивон хъӕбысхӕсты федераци.

Турнир хъуамӕ ацыдаид апрелы Бурятийы, фӕлӕ пандемийы тыххӕй йӕ аргъӕвтой октябрьмӕ ӕмӕ йӕ рахастой Дзӕуджыхъӕумӕ.