ЦХИНВАЛ, 11 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны астӕуккаг скъолаты фыццагкъласонтӕ райстой баххӕстгонд ирон ӕвзаджы чиныг "Абетӕ", фехъусын кодтой Sputnik ахуырады министрады пресс-службӕйы.
Ахуырады монон-фӕткӕвӕрдон нывӕзтмæ гӕсгӕ ивгъуыд азты Хуссар Ирыстоны ӕххӕст цыд ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕн чингуыты рауагъдад программӕ "Малусӕг"-ы фӕлгӕтты. Ӕхсӕнад "Абетӕ"-йы чиныгыл сӕмбӕлд ӕвзӕр, критикӕ социалон хызӕгтӕй рахызт уӕрӕхдӕр форматмӕ. Фарсты фӕдыл ацыд ӕмбырд президенты хайадистӕй. Аскъуыддзаг ӕрцыд чиныг сисын скъолатӕй ӕмӕ йыл ногӕй бакусын.
"Ивгъуыд ахуыры азы кӕрон чиныг баххӕстгондӕй уыд цӕттӕ. Сентябрӕй уӕрст ӕрцыд скъолатыл",- загътой пресс-службӕйы.
Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы чингуытӕ программæ "Малусæг"-ы фæлгæтты бацӕттӕ кодтой авторты къорд, кӕцыйы сконды уыдысты ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрзонд квалификацигонд ахуыргӕнджытӕ, зонадон-иртасӕн институты кусджытӕ ӕмӕ ХИПУ ахуыргӕнджытӕ Битарты Зояйы къухдариуӕгадæй.