Хуссар Иры Цхинвалы районы нывӕндынц саразын хид ӕртӕ бонмӕ

Залдайы хъӕуӕй Гӕбӕраты хъӕумӕ раздӕры хид ӕрцыд кӕлӕтдзаг уавӕрмӕ. Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц ног хиды арӕзтадон куыстытӕ. Афтӕ ма цалцӕг кӕнынц автомобилон фӕндаг Залдамӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 сен – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы районы Залдайы хъӕуы уагъд цӕуынц ног хиды арӕзтадон куыстытӕ, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Уазӕгты Мевлуд.

Нывӕндӕм фӕуын куыстытӕ тагъд рӕстӕджы: Дампалеты хъӕумӕ уадзынц донифтонгады хахх

"Гӕбӕраты хъӕуы рдӕм хид ӕрцыд аварион уавӕрмӕ. Мах ӕй ныппырх кодтам ӕмӕ ныр райдыдтам аразын ног бетонон хид. Куыстытӕ фӕуыдзыстӕм ӕртӕ бонмӕ", - радзырдта Уазӕгты Мевлуд.

Уый бафтыдта, кӕй ма цалцӕг кӕнынц автомобилон фӕндаг Залдайы хъӕумӕ.

Районы ЦКХ хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый размӕ сцалцӕг кодтой Уанат – Ортъеу, Уанат – Сацхенет, Кларс – Куриа фӕндӕгтӕ. Сцалцӕг кодтой Джеры Дзуармӕ фӕндаг дӕр.