"Югосетнефтепродукт" фехъусын кодта азы мидæг æфтиаджы дæс хатты фæфылдæры тыххæй

Паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт" радта хыгъд 2020 азы куыстæн. Уадон фæстаг æзты фыццаг хатт равдыста ахæм бæрзонд бæрæггæнæнтæ, пандемиимæ баст вазыгджын уавæртæм æнæкæсгæйæ, банысан кодтой хицауады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. "Югосетнефтепродукт" ацы аз йæ æфтиаг фæфылдæр кодта дæс хатты 2019 азмæ абаргæйæ, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

Экономикон райрæзты министрады бавдисгæ бæрæггæнæтæм гæсгæ, 2019 азы амалиуæгады æфтиаг уыд 2 милуан 113 мин сомы, 2020 азы та - 20 милуан 561 мин сомы.

Нырма фæразæм: "Югосетнефтепродукт" бензины уавæры тыххæй Хуссар Иры

"Югосетнефтепродукт" фæстаг æзты фыццаг хатт равдыста ахæм бæрзонд бæрæггæнæнтæ, пандемиимæ баст вазыгджын уавæртæм æнæкæсгæйæ. 2019 азмæ абаргæйæ æфтиаг фæфылдæр ис 18 милуан 448 мин сомы. Фиддонтæ бафыстæуыд фондз милуан 769 мин фылдæр. Ацы азы дæр амалиуæгад фæнд кæны равдисын æвæрццаг финансон хатдзæг", - хъусын кæны пресс-службæ вице-премьер – экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболаты ныхæстæ.

Уый ма бафтыдта, æфтиагджын уæвынад кæй у Паддзахадон унитарон куыстуаты эффективондзинады сæйраг бæрæггæнæнтæй иу, уагдон дарддæр дæр архайдзæн куыст оптимизаци кæныныл.