Хуссар Иры Дзауы районы байуардзысты 36 ног фатеры

Радты ныридӕгӕн лӕууынц 300 бинонтӕй фылдӕр, уыдон цардуагон уавӕртӕ ӕмӕ исад бӕрӕг кӕндзӕн сӕрмагонд къамис 15 маййӕ фӕстӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы байуардзысты 36 ног фатеры, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Тедеты Лиана.

Хуссар Иры Дзауы районы аразынц сывӕллӕтты фӕзуат

Сӕрмагонд къамис 15 майы ӕруромдзӕн куырдиӕттӕ исыны куыст ӕмӕ ахуыр райдайдзысты радты лӕуджыты уавӕртӕ ӕмӕ исад.

"Ӕртӕ боны дӕргъы ма ист цӕудзысты куырдиӕттӕ  ӕмӕ 15 маййӕ къамис райдайдзӕн йӕ куыст. Ныридӕгӕн фатертӕм радты лӕууынц 300 бинонтӕй фылдӕр", - загъта уый.

Дзауы центры скъола-интернаты цур цы дыууӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзары арызанц, уыдон уӕрст цӕудзысты радты лӕуджытыл.

"Дыууӕ корпусы цӕуы мидӕггагон куыстытӕ. Уый фӕстӕ ӕрӕвналдзысты хӕрзарӕзтадмӕ. Ацы азы кӕронмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг сцӕттӕ уа", - бафтыдта Тедеты Лиана.

Къамисы сконды ис Паддзахадон ӕдасдзинады комитет, прокуратурӕ, районы администраци ӕмӕ хъӕууон администрациты минӕвӕрттӕ.