Дзауы районы кӕлӕддзаг бирӕуӕладзыгон хӕдзар бахӕсдзысты Инвестпрограммӕмӕ

Бирӕуӕладзыгон панелон хӕдзары цӕрджытӕ 2020 азы кӕрон рахъаст кодтой президент Бибылты анатолийӕн цӕрӕнуаты аварион уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik, Козаты Диана. Дзауы поселочы бирӕуӕладзыгон хъӕдзар фӕнд кӕнынц бахӕссын радон Инвестицион нывӕзтмӕ, загъта парламенты сессийы рабадтыл ӕртыццӕджы президенты минӕвар закондӕттӕг органы Куымӕридтаты Анна.

Хуссар Иры Дзауы районы байуардзысты 36 ног фатеры

Фондзуӕладзыгон панелон хӕдзары цӕрджытӕ бирӕ рӕстӕг хъаст кӕнынц йӕ аварион уавӕры тыххӕй. Ивгъуыд азы декабры президент бабӕрӕг кодта хӕдзары уавӕр, аныхас кодта цӕрджытимӕ. Уӕд уый баныфс ӕвӕрдта, хицауад кӕй фӕхондзӕн специалистты, кӕцытӕ саргъ кӕндзысты бирӕуӕладзыгон корпусы уавӕрӕн ӕмӕ бацӕттӕ кӕндзысты сӕ хатдзӕг.

Парламенты рабадтыл ӕртыццӕджы фарст рӕгъмӕ рахаста вице-спикер Чилӕхсаты Владимир.

"Хӕдзары ис 20 фатеры, фӕлӕ дзы цӕрынц ӕрмӕстдӕр дӕс адӕймаджы. Мӕнмӕ дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатт нӕ хатыдысты сӕ проблемӕйы тыххӕй. Районы сӕргъ лӕугӕйӕ, ӕз дӕр ӕвӕрдтон ацы фарст хицауады раз, фӕлӕ конкретон дзуапп иу адӕймагӕй дӕр нӕ райстон", - загъта вице-спикер.

Уый зӕрдыл ӕрлӕууыр кодта, амӕйразмӕ кӕй бахатыд президенты минӕвармӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕна ацы проблемӕйы тыххӕй.

Хуссар Иры Дзауы районы аразынц сывӕллӕтты фӕзуат

Куымӕридтаты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕрмагонд организаци сарӕзта экспертизӕ хӕдзарӕн. Сӕ хатдзӕгӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй бирӕуӕладзыгон хӕдзар ӕмбӕлон эксплуатаци куы цӕуа, уӕд у ӕдас.

"Фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, президент аскъуыддзаг кодта бахӕссын хӕдзар иннӕ азы Инвестпрограммӕмӕ бахӕссын. Ацы азы нывӕзтмӕ бахӕссыны фадат ын нал ис", - банысан кодта уый.

Уыимӕ президенты минӕвар дырысӕй нӕ фехъусын кодта, Инвестпрограммӕмӕ хӕдзары цалцӕг бахӕсдзысты ӕви йӕ бынаты ног бӕстыхайы арӕзтад.