Бафснайӕм нӕ ӕрдз: Хуссар Иры фӕсивӕды хонынц дыккаг экологион акцимӕ

Ӕфснайджыты хъусдард ныр та здӕхт уыдзӕн Цхинвал-Знауыры трассӕгӕрон Пронейы алыварс территоримӕ Аунеуы хъӕуӕй Бехъмары онг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы ацӕудзӕн дыккаг экологион акци бырон хицӕнӕй ӕмбырд кӕныны тыххӕй. Бархионтӕ ацы хатт та ӕфснайдзысты Знауыры районы Пронейы донбылгӕрӕттӕ, фехъусын кодта Sputnik ӕхсӕнадон организаци "Зеленая Алания"-йы хистӕр Габайты Зӕлинӕ.

Быроны хуызтӕ хицӕнтӕй: Хуссар Иры ацӕудзӕн экологон акци-зиу

"Фӕсивӕдон комитеты бӕстыхайы разӕй райсом фараст сахатыл цӕудзӕн автобустӕ, хонӕм ӕппӕты дӕр, кӕцыты фӕнды райгуырӕн зӕххы сыгъдӕгдзинадмӕ йӕ хайбавӕрд бахӕссын. Сыгъдӕг цӕудзысты канд донбылгӕрӕттӕ нӕ, фӕлӕ ма доны цы бырон ис, уый дӕр. Уымӕ гӕсгӕ ивӕн къахдарӕс рахӕссын дӕр ӕвзӕр нӕ уаид", - загъта Габайты Зӕлинӕ.

Ӕфснайджыты хъусдард здӕхт уыдзӕн Цхинвал-Знауыры трассӕгӕрон Пронейы алыварс территоримӕ Аунеуы хъӕуӕй Бехъмары онг.

"Бырон канд ӕмбырд нӕ цӕудзӕн, фӕлӕ ма йӕ кӕндзыстӕм ӕвзаргӕ дӕр. Авг ӕмӕ пластик ӕмбырд кӕндзыстӕм хицӕнӕй. Уыдон стӕй аласдзысты Уӕрӕсемӕ", - бафтыдта организацийы хистӕр.

Ӕфснайыны акци суыдзӕн дыккаг, уымӕй размӕ та активисттӕ Хуссар Ирыстоны дыууӕ скъола-интернаты ӕххуысӕй бафснайдтой Дзауы районы Чъимасы донбылгӕрӕттӕ.

Мадзалы организатортӕ сты фӕсивӕдон политикӕйы комитет ӕмӕ экологикон организаци "Зеленая Алания".