Хуссар Иры июны кӕрдӕг ӕмӕ хъӕдтӕ ссыгъдысты 50-йӕ фылдӕр хатты

Зынгсирвӕзтты фылдӕр хаййы аххосаг свӕййы адӕймаджы уӕлӕнгай ӕмӕ ӕнӕбӕрнон ахаст, банысан кодтой республикӕйы УУМ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik, Цхуырбаты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны зынгфӕдисонтӕ июны ахуыссын кодтой хус кӕрдӕджы 50-йӕ фылдӕр ссыгъды, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы УУМ минӕвар Инал Захаров.

"Адӕмӕн ис уӕлӕнгай ахаст, кӕрдӕг ссудзынц ӕмӕ йӕ ныууадзынц афтӕ. Фӕлӕ уавӕр ис хъусдарды бын", - банысан кодта уый.

Захаровы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынвадат бынӕтты зынгсирвӕзттӕм уагдоныт кусджытӕ фӕцӕуынц къахӕй, зынг хуыссын кӕныны рӕстӕджы та спайда кӕнынц сӕрмагонд техникӕйӕ.

Хуссар Иры улæфт бонты зынгфæдисонтæ фондз хатты ацыдысты хус кæрдæджы ссыгъдтæм

"Сидын цӕрджытӕм, цӕмӕй бӕрнон ахаст ӕвдисой ӕрдзмӕ ӕмӕ ма судзой хус кӕрдӕг", - загъта УУМ минӕвар.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, зынгсирвӕзтты аххосджытӕ-иу бӕрӕг куы ӕрцӕуой, уӕд фыдракӕнды фӕдыл ӕрмӕджытӕ ӕрвитдзысты тӕрхондонмӕ, цы ран фыдгӕнджыты кӕндзысты бӕрндзинадмӕ.