Хуссар Иры студентон клуб "Аполлон" бабӕрӕг кодта "ӕхсӕрдзӕнты ком"

Дзауы районы Леты ком арæх фæхонынц "ӕхсӕрдзӕнты ком", уым фендтаг æрдз æмæ хæхтæй дарддæр ис аив æхсæрдзæнтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны студентон клуб "Аполлон"-ы уӕнгтӕ бабӕрӕг кодтой Дзауы районы Леты ком, фехъусын кодта Sputnik клубы хистӕр Къӕбулты Елизавета.

Къуыдаргомы хохлӕбырд сӕхгӕдта фӕндаг Аланийы пикмӕ

Дзауы районы Леты ком арæх фæхонынц "ӕхсӕрдзӕнты ком", уым фендтаг æрдз æмæ хæхтæй дарддæр ис аив æхсæрдзæнтæ. Бӕлццӕттӕ ӕхсӕвиуаты лагерь сӕвӕрдтой Дзӕдойы хохрӕбын.

"28 студенты ӕмӕ дыууӕ хистӕр кары лӕджы скондӕй балцы уыдыстӕм цыппар ӕхсӕв ӕмӕ фондз боны. Лагерӕй ӕрвылбон дӕр фӕнд кодтам цӕуын ног фендтаг бынӕттӕм, фӕлӕ нын ӕвзӕр боныгъӕд кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ балцытӕ фӕкъуыхцы сты. Федтам ӕхсӕрдзӕнтӕ, уый бӕрц ӕхсӕрдзӕнтӕ ныры онг никуы ма федтон - 15 дзы банымадтон", - загъта уый.

Студентон клубы хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног ахуыры азмӕ уыдон хъуамӕ ацӕуой ноджы иу балцы.