ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон медицинон центры инфекцион хайады амард карджын нӕлгоймаг дыццӕджы, фехъусын кодта Sputnik хайады хистӕр Джиоты Элеонора.
Бон раздӕр ма амард рынчындоны пациенттӕй ноджы иу - карджын сылгоймаг, кӕцы уыд коронавирусы инфекциимӕ.
"Дысон инфекцион хайады 87-аздзыд нӕлгоймаг ахицӕн йӕ цардӕй коронавирусы инфекциимӕ. Алцыдӕр ын афоныл сарӕзтой, фӕлӕ йын кар ӕмӕ низтӕ хынцгӕйӕ- проблемӕтӕ йын уыд йӕ зӕрдӕимӕ - аирвӕзын кӕнын нӕ бантыст", - загъта медик.
Уый ма бафтыдта, рынчынӕн йӕ рӕуджыты хъыгдард кӕй схызт ӕртыккг къӕпхӕнмӕ.
Ныридӕгӕн республикон медицинон центры инфекцион хайады хос кӕны 51 пациенты.