Уӕрӕсейаг микрохирург ауадздзӕн ӕнӕаргъ консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ Цхинвалы

Медицинон зонӕдты кандидат Андрей Жигало ӕрцӕудзӕн республикӕмӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕрхуындӕй. Уый размӕ йын йӕ балц аргъӕвтой коронавирусы фӕдыл ӕвзӕр уавӕры тыххӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik. Уӕрӕсейаг хирург, медицинон зонӕдты кандидат, Петербургаг медцентр СОГАЗ-ы ӕрмыты хирургийы центры разамонӕг Андрей Жигало райсдзӕн пациентты Цхинвалы Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕрхуындӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Уӕрӕсейаг микрохирургы ӕрцыд Хуссар Ирмӕ аргъӕвтой COVID-19-имӕ уавӕры тыххӕй
Пациентты исдзысты 11 сентябры 17.00 сахатӕй ӕмӕ 12 сентябры 9.00 сахатӕй Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) травматологийы дӕлхайады 2 уӕладзыгыл.
"Хуссар Ирыстоны пациенттӕн фадат уыдзӕн райсын ӕххуыс иу балцы хоскӕнынады фӕлгӕтты ӕрмыты низты дунейон методикӕтӕм гӕсгӕ. Кӕд уын уӕ ӕрмытимӕ проблемӕтӕ ис, уӕд ӕнӕмӕнгӕй ӕбацӕут", - фехъусын кодтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.
Уагдоны банысан кодтой, ӕнӕаргъ консультацитӕй дарддӕр кӕй араздзысты операцитӕ дӕр. Уӕрӕсейаг дохтыры ассистент уыдзӕн РБМЦ травматологийы хирург Козаты Дмитрий.